ВУЗ: Не указан

Категория: Не указан

Дисциплина: Не указана

Добавлен: 05.12.2023

Просмотров: 19

Скачиваний: 1

ВНИМАНИЕ! Если данный файл нарушает Ваши авторские права, то обязательно сообщите нам.

«Фыстæг ветеранмæ»

Ном, мыггаг ____________ Хететы Дианæ, 11 кълас

Астæуккаг иумæйагахуырадон куыстуат __________ 28 –æм скъола

Адрис _____ М. Горькийы уынг, 39

Хæтæл ______________ 988.878.21.97

Электрон пост __________ tuaeva.78@list.ru



Уалдзæгимæ нæ зæхмæ æрцæуы Уæлахизы бон. 2023 азы ацы бæрæгбон уыдзæни 78-æм хатт. Цины цæссыгтимæ сæмбæлæм Уæлахизы боныл мах, сæрибар царды адæм, æмæ хæсты хъайтартæ, нæ æхсарджын ветерантæ. Бирæтæ афтæ æнхъæлынц, цард рæстæмбис у æмæ йæ радæй цæуы. Фæлæ ʹрмæст стæм адæм æмбарынц, нæ Райгуырæн бæстæ нын чи бахъахъхъæдта, сæрибардзинад тугæй чи балхæдта, уыцы фæлтæр цы бæгъатыр сгуыхтдзинад равдыстой, уый. Хæсты рæстæджы номдзыд адæм – нæ фыдтæ, фыдыфыдтæ, мадтæ, æрыгонæй, зæрондæй- бавзæрстой хæсты азар. Æнкъардтой æрмæст буары рыст нæ, фæлæ ма моралон зындзинад. Цавæр «дурзæрдæ» хъуамæ уа мадæн, йæ сывæллоны сæфт уынгæйæ, йæ сæр бæрзонддæр чи иста.

Не ʹ мбæстонтæ баиргъæф кодтой Райгуырæн зæхх, цæмæй мах, ног фæлтæр, аккаг æмæ сæрибар цард кæнæм.

Æмæ абон мæн фæнды арфæ ракæнын нæ зынаргъ, кадджын ветерантæн. Сымах аккаг ныхæстæ æвæццæгæн мæ гыццыл зæрдæйы нæма ис, фæлæ уын мæ сæрæй ныллæг кувын. Уе сгуыхтдзинадæн аргъ нæй! Уæ нæмттæ сызгъæрин дамгъæтæй фыст сты нæ Райгуырæн бæстæйы историйы æмткæй, стæй алы адæймаджы зæрдæйы, хъуыдыйы, хизонындзинады.

Фыдбылызтæм нæ кæсгæйæ сымах фæуæлахиз стут тугдзых фашистыл. Уымæн æмæ советон адæмы нæ фæндыди туг калын, нæ бæллыдыстут хæст райхалынмæ, нæ тырныдтат марынмæ. Æрмæст хъахъхъæдтат нæ Фыдыбæстæ, уæ бинонты. Раст уый тыххæй фæуæлахиз стæм: уæ зæрдæты уарзондзинад уыдис,фашисттæн та- куырм æнæуынондзинад.

Æхсар равдисгæйæ æппæт дуне бамбæрста, советон адæмыл фæтых кæнæн нæй! Советон адæм æнæфæцудгæ сты цыфæнды зын фæлтæрæнты ныхмæ! Советон адæмæн нæй сæ ныфс асæттæн!

9- æм май у Стыр Уæлахизы Бон! Уæдæ цæмæн кæут, нæ бæгъатыр ветерантæ? Уымæн æмæ уæ цæссыгтæй æхсут æнусы кад, Райгуырæн бæстæйы сæрыл чи фæмард, уыцы геройтæн.

Кæд æвдай аст азы рацыд æбуалгъ, тæссаг æмæ тугкалæн хæст фæудыл, уæддæр иу адæймагæй дæр хъуамæ рох ма уа нæ фыдæлты сгуыхтдзинад. Ма мынæг кæна нæ зæрдæты. Æмæ ʹрмæст 9 –æм майы нæ, фæлæ æрвылбон нæ зæрдыл дарæм, сæрибар цард нын чи балæвар кодта, уыцы адæмы хæстон æнтыст.

Бузныг Ветерантæ! Рох не стут æмæ нæ уыдзыстут!