Файл: Урок Урочы тем Дамгът Дздз. Урочы цыд Мотиваци. нгуырдар дзывылдар, Км хтыс зымг.docx
ВУЗ: Не указан
Категория: Не указан
Дисциплина: Не указана
Добавлен: 11.01.2024
Просмотров: 47
Скачиваний: 1
ВНИМАНИЕ! Если данный файл нарушает Ваши авторские права, то обязательно сообщите нам.
38-æм урок
Урочы темæ: Дамгъæтæ Дздз.
Урочы цыд
-
Мотиваци.
Æнгуырдар – дзывылдар,
Кæм хæтыс зымæг?
Цы бæсты, цы хæхты
Фæтæхыс зымæг?
– Цавæр маргъы кой цæуы ацы æмдзæвгæйы? (Дзывылдар.) – Цымæ, цавæр цъиу у, цæмæн ыл фыссынц поэттæ æмдзæвгæтæ? Базонæм æй? – Уæдæ цавæр мырæй райдайы ацы дзырд? Абон нæ урочы зонгæ кæнæм ног мыримæ. Уый у [дз].
2. Нывмæ æмæ схемæмæ гæсгæ мырон-дамгъон анализ скæнын. Хъæлæсон æви æмхъæлæсон мыр у, уый сбæлвырд кæнын.
3. Таблицæмæ гæсгæ кæсын уæнгтæ, аразын семæ дзырдтæ: (дза – дзабыр, адз – ауадз, дзæ – дзæбуг, æдз – къæдз, дзо – дзоныгъ, дзи – дзидза, дзы – дзывылдар, ыдз – хуылыдз, дзу – дзул, дзе – дзедыр).
4. Бакæсын дзырдтæ, сæ нысаниуæг сын æмбарын кæнын.
-
Улæфты рæстæг.
-
Къордты куыст.
«Дзедз æмæ дзедз». Адæмон сфæлдыстадæй ирхæфсæн уацмыс (диалог)
-
Адæмон сфæлдыстад (дарддæр). «Дзыккайы зарæг» – бамбарын кæнын ахуырдзаутæн дзыкка цавæр хæринаг у, уый, цæмæн-иу зарыдысты сылгоймæгтæ дзыкка фыцгæйæ?
-
Текстыл куыст.
Ахуыргæнæг кæсы текст. Фæрстытæм гæсгæ текстæн анализ скæнын. – Чи ацыд Дыгургоммæ? – Цавæр сты дзырдты фыццаг дамгъæтæ? (дз) – Цæмæн сты фыст стыр дамгъæйæ? (Нæмтæ сты.) – Цы федтой сывæллæттæ Дыгургомы? Ахуырдзаутæ радыгай кæсынц текст.
-
Рацыд æрмæг ныффидар кæнын. Нывтæмæмæсхемæтæм гæсгæдзырдтæдзурын, хъус дарын мыр [дз]-ы растдзурынадмæ, кæцы позицийы ис, уый бæрæг
кæнын (дзул, хæдзар, дзабыртæ, дзæгъындзæг).
-
Уыци-уыцитыл куыст.
-
Къухфысты куыст: хæслæвæрдтæбаххæст кæнын.Нывтæхуызджынкърандæстæй сахорын.
-
Урочы кæронбæттæн.
– Цавæр мыр базыдтат абоны урочы?
– Цавæр маргъимæ базонгæ стут? Цæмæй цымыдисаг у дзывылдар?
– Саразут-ма дзывылдары ныв хæдзары æмæ йæ иннæ урокмæ æрбахæссут.
39-æм урок
Урочы темæ: Æмхъæлæсон мыр [ж]. Дамгъæ Ж ж.
Урочы цыд
-
Зонындзинæдты актуализаци:
– мыр [дз]-йæн характеристкæ дæттын;
– аргъау хи ныхæстæй радзурын;
– диалогон ныхасы архайын;
– тагъддзуринаг зæрдывæрдæй дзурын.
-
Мотиваци.
Дзывылдары нывтæй саразын равдыст, хуыздæр чи бацархайдта, уыдонæн аргъ скæнын (се 'ппæт ахуырдзаутæ дæр, дзывылдары ныв чи сарæзта). Кæд гæнæн ис, уæд хуыздæр куыстытæ журнал «Ногдзау»-ы редакцимæ арвитын.
-
Ног æрмæг.
– Æрбакæсут-ма, мæ къухы цы ис? (Журнал.)
– Цавæр журнал у? –
Цы фыст ыл ис, уый-ма бакæсæм иумæ. (Ногдзау.)
– Исчи уæ искуы ацы журнал каст? Зонут æй, ахæм журнал нæм цæуы, уый?
(Радзурын ахуырдзаутæн журнал «Ногдзау»-ы тыххæй.)
– Цавæр журналтæ ма зонут?
–Хæдзары уæ бинонтæй исчи фæкæсы журнал? (дада фæкæсы «Мах дуг», …). Журнал у францусаг дзырд,нысан кæны«æрвылбоны газет» (ежедневная газета).Уырыссаг æвзагмæ æрбафтыд ХVIII æнусы кæрон æмæ дзы абоны онг пайда кæнæм. Уæдæ ирон æвзаджы дзырд журнал кæй нæй, уымæ гæсгæ дзы пайда кæнæм, уырыссагау æй куыд фыссынц æмæ дзурынц, афтæмæй. Æркæсæм-ма йæм лæмбынæгдæр.
– Дзырд «журнал»-æн скæнын мырон-дамгъон анализ.
– Цавæр мыр хъуысы фыццаг? [ж]. – Мах зонæм, ирон æвзаджы мыр [ж] нысан кæнæм дамгъæ З-йæ, фæлæ ацы дзырды мыр [ж] нысан кæнæм дамгъæ Ж-йæ. Афтæмæй уæ зæрдыл бадарут, уырыссаг æвзаджы цы дамгъæтæ ис, уыдонæй ирон æвзаджы дæр кæй пайда кæнæм, æрмæст уырыссаг æвзагæй æрбайсгæ дзырдты.
Зæгъæм, морж, жираф, Жаннæ, жест …
– Цæмæй уыцы хицæндзинад хуыздæр бамбарат æмæ уæ ма рох кæна, уымæ гæсгæ сæххæст кæнæм цымыдисаг хæслæвæрдтæ.
– Нывтæм гæсгæ равзарын дзырдтæ, адих сæ кæнын уæнгтыл, мыр [ж]-мæ хъус дарын.
– Цавæр мыр у, хъæлæсон æви æмхъæлæсон? Чиныджы схемæмæ гæсгæ йæ сбæлвырд кæнын.
– Текст «Морж» бакæсын. Саразын беседæ кæсыны ахадындзинады тыххæй; чиныджы чи кæсы, уый зонындзинæдтæ фылдæр кæй кæнынц, уыцы адæймаг фылдæр кæй зоны.
-
Тагъддзуринагыл куыст.Бацамонын дзырд жест-ы нысаниуæг.
-
Улæфты рæстæг.
-
Текстыл куыст.«Жираф».Цæрæгойы тыххæй беседæсаразын.
– Кæм цæры, цавæр бæстæты?
– Цы хæры?
– Цыхуызæн у?
– Цæмæй у цымыдисаг?
Йæ къубал сивæзта жираф Æмæ йæ сæрыл систа арв.
Ызнон ын балхæдтон хъуырбæттæн, Къуымбилæй, иу ивазн – йæ фæтæн.
-
Къухфысты куыст:
– дамгъæ Жж фыссыны æгъдæуттæ;
– гыццыл дамгъæ ж фыссын къухфысты;
– нывтæ хуызджын кърандæстæй сахорын.
-
Урочы кæронбæттæн:
– Ахуырдзаутæн раттын хæслæвæрд, сæхи куыд æнкъарынц урочы кæронмæ?
– Сæ куыстæн сын аргъ скæнын.
40-æм урок
Дамгъæ Дж дж. Мыр [дж].
Урочы цыд
-
Мотиваци.
Хъазт: «Дзырдтæныппырх сты».
з в г ж
ф и
о
ж
а æ а р æ р
Æрæмбырд-ма сæ кæнæм æмæ сæ дзырдтæ саразæм (æвзаг, жираф, Жорæ).
Баххæст кæнут сыгъдæгдзуринаг:
– Еж-еж-еж - сывæллонæн ис... (манеж).
-
Ног æрмæг.
– Мах загътам, зæгъгæ, ирон æвзаджы дамгъæтæ сты тынг цымыдисаг, ис сæм бирæ сусæгдзинæдтæ. Уæдæ та абон дæр цавæрдæр сусæгдзинаг раргом кæндзыстæм нæ дамгъуатæй.
– Байгом кæнут чиныджы 82-æм фарс.
– Цавæр дамгъæ уынут? Исчи уæ йæ зоны? (д æмæ ж).
– Цавæр мыр у, хъæлæсон æви æмхъæлæсон?
– Уый у мыр [дж] (Иумæ йæ дзурынц.)
– Мырон таблицæйы кæсынц дзырд «джитъри». Йæ бынмæ – «джыджына».
– Таблицæйы уæнгтæ кæсын.
-
Улæфты рæстæг.
-
Къæйттæй куыст. (83фарс.)
-
Текст «Хæрисджын» æмæ «Дзæуджыхъæу»,æмæ æмдзæвгæ «Саг»-имæкъордтыкуыст бакæнын. Æртæ къордæй алкæмæн дæр фæйнæ тексты кæсынмæ раттын. «Хæрисджын»-ы агурынц æппæты даргъдæр дзырд æмæ йын мырон схемæ аразынц, æмхæст уæнгтæ дзы амонынц, афтæмæй; «Дзæуджыхъæу»-ы агурынц æппæты цыбырдæр дзырд æмæ текст хи ныхæстæй дзурынц; 3-аг къорд ахуыр кæнынц
æмдзæвгæ «Саг» зæрдывæрдæй. (Чи цал рæнхъы бахъуыды кæна къордæй, уыдон сæ æмдзæвгæйы рæнхъæвæрдмæ гæсгæ кæсынц. Къордтæй раздæр чи фæуа æмæ растдæр чи радзура йæ дзуапп, уый 1-аг бынат бацахсдзæн.)
-
Къухфысты куыст.
Хæслæвæрдтæ баххæст кæнын.
-
Рефлекси.
– Ногæй цы базыдтат абоны урочы?
– Дамгъæтæ æмæ уæнгты фæрцы цы базыдтам?
– Цы базыдтат ногæй Дзæуджыхъæуы тыххæй?
– Цавæр ног хъæу æмæ цæрæгоимæ базонгæ стут?
– Уæхицæн бæрæггæнæнтæ сæвæрут.
41-æм урок
Урочы темæ: Æмхъæлæсон мыр [къ]. Дамгъæ Къ къ.
Урочы цыд
-
Зонындзинæдты актуализаци:
– дамгъæ дж-йæн йæ арæзт;
– мыр [дж]-йæн характеристикæ дæттын;
– ног дзырдтæ аразын лæвæрд уæнгтæй.
-
Мотиваци.
Хъазт «Чи фылдæр». Фæйнæгыл æртæ цæджындзмæ гæсгæ дзырдтæ æрхъуыды кæнын. Ахуырдзаутæ кусынц æртæ къордæй.
бæлæстæ мæргътæ цæрæгойтæ
-
Ног æрмæг.
-
Тагъддзуринагыл куыст. Къозонты Къоста Къодахы Æнæкъуыхцыйæ Къуырдта къæбæлтæ, Аркъауæй сæ Къахта æнкъардæй.
– Фылдæр дзырдтæ чи бахъуыды кодта?
– Цавæр мыр хъуысы арæхдæр? (Алы дзырды дæр ис [къ].)
Мыр [къ]-имæ уæнгтæ аразын æмæ сæ кæсын. Уæнгтæй дзырдтæ аразын: (къа – къабуска, къæ – къæдзил, къо – къопп, къу – къуди).
Мыр [къ]-йы артикуляцимæ хъус дарын: къухтæй бахгæнын хъустæ æмæ афтæмæй дзурын мыр, ахуыргæнæджы фæстæ дзурын дзырдтæ: къогъо, къомси, къæдзил, къах, къух…
– Сбæрæг кæнын, хъæлæсон æви æмхъæлæсон у, уый схемæмæ гæсгæ.
-
Чиныджы æрмæгимæ куыст.Бакæсын уæнгтæ,дзырдтæ.Дзырдтæн сæнысаниуджытыл бакусын, куыд сæ æмбарынц ахуырдзаутæ. Саразын семæ хъуыдыйæдтæ: Махмæ ис урс къæбыла. Ахуыргæнæг мын радта къухфыст. Къогъотæ уарзынц уымæл ран. Къанауы сæрты ис чысыл хид.
Лæвæрд дзырдтæн саразын бирæон нымæцы формæтæ схемæмæ гæсгæ: къабуска
– къабускатæ, къаба – къабатæ, ФÆЛÆ къанау – къанæуттæ.
Ахуырдзаутæн бацамонын, хатгай дзырд бирæон нымæцы формæйы ивд æрцæуы, æмæ бирæон нымæцы формæ аразгæйæ хъус дарын хъæуы, цæмæй дзырдтæ раст дзурæм.
-
Текстыл куыст:
– Цавæр къæбыла ис Сæрмæтмæ? (Хъæлдзæг.)
– Цæмæй йæ базыдтат, хæлдзæг къæбыла у, уый? (Сæрмæтимæ фæхъазы,
рахæссы къори, къанауы сæрты фæгæпп кæны.)
– Цыхуызæн у Мила? (Сау, йæ къæдзил урс.)
Ахуырдзаутæ хъуамæ бамбарой фæрстытæ цавæр? цыхуызæн?-ы нысаниуæг æмæ сын базоной раст дзуаппытæ дæттын. Дæнцæгтæ: дзырдтæм фæрстытæ раттын – сырх, хорз, бæрзонд, урс, æрвхуыз, уæрæх…
-
Тагъддзуринаг ахуыр кæнын.
8.Улæфты рæстæг.
– Сараз ног дзырд фæрстытæн дзуаппытæ ратт, афтæмæй.
– Скъоламæ чи цæуы, уый хуыйны …скъоладзау.
– Хъæдмæ чи фæцæуы, уый хуыйны … хъæддзау.
– Дон хæссынмæ чи цæуы, уый у … дондзау.
– Хуын чи хæссы, уый у …хуындзау.
– Текст»Скъола» бакæсæм.
-
Къухфысты куыст:
– Дамгъæ Къ къ фыссыны æгъдæуттæ.
– Нывтæ хуызджын кърандæстæй сахорын.
10. Рефлекси.
-
Цавæр дамгъæ базыдтам? -
Тагъддзуринаг ма иу хатт радзурæм -
Абоны урокæй нæ зæрдыл цы бадардтам?
-
Скъолайы тыххæй чиныджы цы радзырд бакастыстæм, уый нæхи скъолайы царды хуызæн у?
-
Уæ зæрдæмæ тынгдæр цы фæцыд абоны урочы? -
Уæхицæн-ма бæрæггæнæнтæ сæвæрут.